Хуссар Ирыстон ZeVi9AaDKkeSsg IioiKKkl Mj dfeoollEols t SssGg Vv6

Республикæ Хуссар Ирыстон—Паддзахад Алани
Республика Южная Осетия—Государство Алания
Тырыса Герб
Тырыса Герб
South Ossetia in its region (less biased).svg
Гимны ном: «Уарзон Ирыстон!»
Хæдбар сси 1990-æм азы 20 сентябры Гуырдзыстонæй
Æвзаг ирон, уырыссаг, гуырдзиаг[1]
Сæйраг сахар Цхинвал (Чъреба)
Стырдæр сахартæ Цхинвал (Чъреба), Къуайса
Хицауиуæджы хуыз Республикæ
Президент
Парламенты сæрдар
Премьер-министр
Тыбылты Леонид
Бибылты Анатолий
Хъуылымбегты Доментий
Фæзуат 3900 км²
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2015)
• Сфыст (1989)
• Æнгомад

53 532[2] ад.
98 527 ад.
7,5 ад./км²
Валютæ Уæрæсейы сом
Телефонон код +995
Сахатон таг UTC+3
Кæддæры Хуссар Ирыстоны Автономон Бæстæ нырыккон Гуырдзыстоны картæйыл. Цæстуынгæ у, алыхуызон районты ’хсæн йæ территори ныддих кæнын кæй хъавыдысты, уый

Хуссар Ирыстон, кæнæ Хуссар Ир, официалон æгъдауæй Республикæ Хуссар Ирыстон кæнæ, 2017-æм азы референдумы фæстæ, Паддзахад Алани, у æрдæгпрезидентон республикæ. Ис Кавказы тæккæ астæу æмæ ахсы Стыр Кавказы хуссарварсы астæуккаг хай. Æмарæн у æрмæст дыууæ бæстæимæ: Уæрæсеимæ, цæгаты, æмæ Гуырдзыстонимæ, æндæр æрдæмты. Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Цхинвал (Чъреба). Хуссар Ирыстон ахсы 3900 км² æмæ у æппæты гыццылдæр бæстæтæй иу. Цæры дзы 30 мин адæймагмæ æввахс, æмæ уый тыххæй хауы æппæты æдзæрæгдæр бæстæтæм. Хуссар Ирыстон ахсы ахсджиаг геополитикон бынат.

Ирон адæмы фыдæлтæ, алантæ, бæрæг сты Кавказы I æнусæй. IV æнусы гуннты бабырсты тыххæй аланты хай Кавказмæ æввахсдæр æрцардысты. Уыдонæн уым IX æнусæй XIII æнусмæ уыдис тыхджын паддзахад, Алани, кæцы ныппырх ис манголты бабырсты бын. Уый тыххæй алантæ ноджы арфдæр бацыдысты Кавказы хæхтæм, æмæ бирæтæ æрцардысты Кавказы хуссарварс, Хуссар Ирыстон кæм ис, уым. Уæдæй фæстæмæ аланты тыххæй бæрæг цъус ис. XVIII æнусы кæронмæ Ирыстон Уæрæсейы Империмæ бацыдис, æмæ уым Фæскавказы ирæттæ хаудысты Тбилис æмæ Кутаисы губернæтæм.

XX æнусы райдианы æрцыд Уырыссаг революци. Уæд, Уæрæсейы Импери ныппырх ис, æмæ йæ бæсты сæвзæрдис ССРЦ, кæцыйы Фæскавказы ирæттæ бахаудысты Гуырдзыстоны ССР-мæ. Уым цын 1922-æм азы рауæлдай кодтой автономи, æмæ йæ схуыдтой Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ. 1990-æм азы автономи йæхи ГССР-æй ахицæн кодта æмæ цъус фæстæдæр та ССРЦ-йæ дæр. Гуырдзыстон ууыл нæ басаст æмæ уый тыххæй хæст байдыдта, кæцыйы, бирæ зæххытæ фесафгæйæ, Хуссар Ирыстон йæ хæдбардзинад бахъахъхъæдта. Уый фæстæ, суанг 2008-æм азы йонг Хуссар Ирыстон баззадис æнæнымадгондæй. Уæд æрцыд Гуырдзыстонимæ дыггаг хæст, æмæ уым дæр Хуссар Ирыстон, Уæрæсейы æххуысæй, йæ хæдбардзинад бахъахъхъæдта æмæ йæ зæххытæ фæстæмæ байста. Уый фæстæ Уæрæсе æмæ ма цалдæр бæстæйы Хуссар Ирыстон хæдбарыл банымадтой.

Бæстæты фылдæр Хуссар Ирыстон хæдбарыл нæ нымайынц, æмæ йын уый тыххæй ИНО-мæ æмæ бирæ æндæр æхсæнадæмон организацитæм бацæуæн нæй. Хæдбарыл æй чи нæ нымайы, уыдон-иу æй оффициалон гæххæтыты хонынц Цхинвалы регион кæнæ Раздæры Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ.

Хуссар Ирыстон у Кавказы æдыхдæр паддзахаддæй иу, кыд экономикæйы, афтæ политикæйы дæр. Экономикæ у баст Уæрæсейыл, уымæн æмæ бюджетмæ цы ’хца цæуы, уымæн йæ фылдæр хай у Уæрæсейæ æрвыст æххуыс, æмæ импорт дæр фылдæр урдыгæй цæуы. Цæрыны уавæртæ дæр дзы Кавказы æндæр бæстæтæй æвзæрдæр сты. Культурæйæ Хуссар Ирыстон Кавказы æндæр бæстæтæй тынг уæлдай кæны, уый зыны ирон хæринæгты æмæ нозтыты, адæмон сфæлдыстады, литературæйы, ирон æвзаджы æмæ æндæрты.

Сæргæндтæ

  • 1 Этимологи
  • 2 Истори
    • 2.1 Ирон адæмы фыдæлтæ
      • 2.1.1 Алантæ
    • 2.2 Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ
    • 2.3 Сæрибардзинад
    • 2.4 Хæдбардзинады банымад
    • 2.5 Президенттæ
  • 3 Географи
    • 3.1 Бæстыхъæд
    • 3.2 Æрдзон алфамбылай
    • 3.3 Зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ
  • 4 Политикæ
    • 4.1 Административон дихкæнынад
    • 4.2 Фæсарæйнаг ахастытæ
    • 4.3 Гæрзифтонг тыхтæ
  • 5 Экономикæ
    • 5.1 Инфраструктурæ
  • 6 Демографи
    • 6.1 Цæрджытæ
    • 6.2 Дин
    • 6.3 Æвзæгтæ
    • 6.4 Ахуырад
  • 7 Культурæ
    • 7.1 Кухнæ
    • 7.2 Спорт
  • 8 Кæс
  • 9 Фиппаинæгтæ
  • 10 Æддаг æрмæг
    • 10.1 Топографион картæ

Этимологи

Ирыстоны ном арæзт у Ирон адæмы æмбырдгæнæн ном æмæ фæсæфтуан -стон-æй, æмæ нысан кæны Иры бæстæ, ома ирон адæмы бæстæ. Ир-æн арынц цалдæр равзæрæны. Бирæ иртасджытæ дзурынц æмæ Ир рацыдис рагон ирайнаг arya æмæ aryana-йæ.[3][4][5] Фæлæ Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ кавказаг субстратæй ист у[6]. -стон та у бæстæамонæн фæстæфтуан, æмæ цæуы рагон индоевропæйаг уидаг *stā--йæ, кæцы нысан кодта «лæууын».

Истори

Ирон адæмы фыдæлтæ

Скифтæ

Скифтæ равзæрдысты цæгат ирайнаг адæмтæй, кæдон, нæ дуджы размæ II миназы кæроны, фæхицæн сты хуссар ирайнаг адæмтæй. Уыдон, нæ дуджы размæ I миназы, Евразийы быдырты цæугæ цард кодтой. Хорз зыдтой хæстон æмæ фосдарыны хъуыддæгтæ. Нæ дуджы размæ VII æнусы скифтæ бабырстой Фæскавказмæ. Фæскавказмæ цæуынæн скифтæ пайда кодтой Кавказы æфцæджытæй, æмæ бирæтæ уым æрцардысты, хъобайнæгты ’хсæн.

Нæ дуджы размæ VII æнусы скифтæй рахицæн сты сæрмæттæ. Уыдон фыццаг ахстой Волгæ (Идыл) æмæ хуссар Уралы æрдыгæй зæххытæ, фæлæ нæ дуджы размæ IV æнусæй байдыдтой Кавказ æмæ Сау денджызы æрдæм цæуын. Нæ дуджы размæ III æнусæй II æнусмæ сæрмæттæ скифты зæххытæ бацахстой, æмæ скифты та сæхимæ бакодтой. Антикон автортæ сæрмæтты дих кодтой аорстыл, алантыл, роксалантыл, сирактыл, языгтыл æмæ æндæртыл.

Алантæ

Алантæ рахицæн сты скæсæйнаг сæрмæттæй, æмæ тагъд сæрмæтты æндæр хæйттæ сæхимæ бакодтой. I æнусæй III æнусмæ Кавказ æмæ Доны æхсæн цы сæрмæттæ уыдис, уыдон æхсæн алантæ ахстой сæйраг бынат, æмæ уыдысты уыцы бæсты тыхджындæр адæм. Кавказæй цæгатæрдæм æрбынатгæнгæйæ, аланты хай биноныг цардмæ рахызтысты, фæлæ сæ фылдæр уæддæр цæугæ цард кодтой. Цы æндæр адæмтæ баййæфтой, уыдонимæ фыццагæй хæстон уавæры уыдысты, фæлæ стæй семæ хæццæ кæнын байдыттой.

Алантæ арæх цыдысты балцыты, Фæскавказ, Хъырым æмæ Астæуккаг Азимæ. Сæ æфсæддон тых тагъд ахъæр ис, æмæ сæ сыхаг паддзахæддæ арæх истой се ’фсадмæ. Уæлдайдæр, Иберийы æфсады алантæ уыдысты тынг бирæйæ, æмæ иу цын уæздæттæ суын æнцон уыдис. Ибериимæ алантæн уыдис хорз ахастытæ. Уый разынд алантæ æмæ иберийы уæздæттæ арæх кæй æмкъай кодтой, æмæ алантæ Иберийы сæрыл кæй хæцыдысты, уый мидæг.

Алани X-XII æнусты
Ирæтты æмæ дыгурæтты ахæлиу (Калоты Барисмæ гæсгæ)

IV æнусы гуннтæ скæсæнæй æрбабырстой, æмæ аланты ныппырх кодтой. Алантæй иу хай гуннтимæ Европæмæ ацыдысты æмæ уым апырх сты. Иннæ хай та Кавказæрдæм æввахсдæр æрцардысты. Цы зæххытæ ныууагътой, уыдоныл тюркаг адæмтæ бацардысты. Уыцы тюркаг адæмты ’хсæн уыдысты хазартæ, кæдон сысты Цæгат Кавказы тыхджындæр адæм.

V æмæ VI æнусты алантæ байдыттой Стыр Леуахийы комы цæрын. Уым, аланты размæ цардысты туаллæгтæ дæр. Уæды туаллæгтæ чи уыдысты æмæ цы æвзагыл дзырдтой, уый кæронмæ бæрæг нæу. Иу ахуыргæнттæ дзурынц ирайнæгтæ кæй уыдысты, иннæтæ та цæ кавказаг адæмимæ хæстæг кæнынц. Кавказаг адæмимæ цæ чи бæтты, уыдон афтæ зæгъынц æмæ IX æнусмæ кæронмæ салантæ сты.

VI æнусы алантæ Византия æмæ Сасанидты паддзахады хæсты хайад райстой. Уыдон хæцыдысты куы иуты сæрыл, куы та иннæты сæрыл. Иуæй-иу ахуыргæндтæ уый æмбарын кæнынц алантæ æххуырсты хæст кæй кодтой æмæ иугонд кæй нæ уыдысты, уымæй. Фæлæ æндæрты хъуыдымæ гæсгæ аланты хистæр, Саросий, барæй афтæ кодта, цæмæй иу исчи ма рамбула, æмæ аланты цур тыхджын паддзахад ма фæзына. Уыцы хæсты тыххæй Византия дæр æмæ Сасанидты паддзахад дæр сæ тыхтæ тынг фесафтой, æмæ цæ фæстæдæр Араббы халифат ныппырх кодта.

VII æнусы Араббы халифат йæ тыхы куы бацыд, уæд бабырста Кавказмæ дæр. Араббы халифат уæд хæцыд Византияимæ, æмæ хазартæ æмæ алантæ æнгомæй рахæцыдысты Византияйы сæрыл. Хæст цыд иу æнусмæ æввахс, æмæ-иу дзы куы иутæ уæлахиз кодтой, куы та иннæтæ. Фæстаг стыр тох æрцыд 737-æм азы. Уæд араббæгтæ сайдыл рацыдысты хазайрæгтыл, æмæ сын фехъусын кодтой сæ балц æрмæст аланты ныхмæ кæй цæуы, уый, фæлæ æцæг та Хазармæ бабырстой æмæ йæ ныппырх кодтой. Араббæгтæ сæхæдæг дæр бирæ тыхтæ фесафтой æмæ Кавказмæ нал бырстой. Уый фæстæ алантæ гыццыл рæстæгмæ Хазарæй фæхæдбар сты, фæлæ æрдæг æнусы фæстæ та Хазар йæ тыхы бацыд æмæ аланты сæхимæ бакодта.

Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ

Сæйраг уац: Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ

Гуырдзыстон большевиктæ куы бацахстой 1921-æм азы, уый фæстæ 1922-æм азы 20 апрелы сырæзтис Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ ГССР-ы мидæг. Автономон бæстæйы арæнтæ æвзæрст уыдысты ирон адæм Гуырдзыстоны цы зæххытыл цардысты, уымæ гæсгæ. Фæлæ уæддæр кæцыдæр зæххытæ, кæм цардысты фылдæр ирæттæ, нæ бахаудтой автономон бæстæмæ. Уыдон сты: Тырсыгом, Хъуды ком, «Триалеты Ирыстон». Автономи кæй уыдис, уый тыххæй дзы уыдис бар дзурын æмæ ахуыр кæнын ирон æвзагыл, фæлæ официалон æвзæгтæ уыдысты гуырдзиаг æмæ уырыссаг.

Советон Цæдисы рæстæджы, цалдæр хатты фарст лæууыд Хуссар Ирыстон Цæгат Ирыстонимæ баиу кæныныл. Фæлæ Стыр терроры фæстæ, ирон интеллигенци тынг кæй фæцух ис, уый тыххæй дыууæ Ирыстоны иу кæныны тыххæй дзырд нал цыдис.[7]

Сæрибардзинад

1980-æм æзты кæроны ГССР-ы национализм парахат кæнын байдытта. Уæд уагъд цыдысты алыхуызон публикацитæ æмæ алæвæрдтæ, кæм ирæтты хуыттой æрцæугæ адæм, æмæ Хуссар Ирыстоны зæхх та гуырдзиаг адæмы зæхх. Уый тыххæй Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны кæрæдзимæ ахастытæ æвзæр кæнын байдыдтой, æмæ 1989-æм азы 10 ноябры Хуссар Ирыстоны автономон бæстæйы адæмон депутатты ныхас тæрхон рахаста цæмæй Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ суа автономон республикæ. ГССР-ы стыр ныхас уый банымадта конституцийы æфхæрдыл, æмæ 23-æм ноябры, 1989-æм азы ГССР-ы къухдариуæггæнджытæ сарæзтой бирæминон балц Цхинвалмæ. Цхинвалы адæм уыцы балцы ныхмæ рацыдысты, æмæ дзы фæзындысты фыццаг амæттæгтæ.

1990-æм азы, 20-æм сентябры Хуссар Ирыстон йæхи схуыдта Советон Демократикон Республикæ, æмæ нысангонд æрцыдысты Уæлдæр Ныхасмæ æвзæрстытæ. Гуырдзыстоны Уæлдæр Ныхас уый банымадта æнæзакъоныл æмæ, 1990-æм азы 11-æм декабры, Хуссар Ирыстоны автономи систой. Уыцы тæрхæттæ Советон хицауад раздæхта, фæлæ уæд Советон Цæдис пырх кодта, æмæ йæ барамындтæн тых нал уыдис.

Уый фæстæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ахастытæ ноджы тынгдæр æвзæр кæнын байдыдтой. 1991-æм азы 6-æм январы Гуырдзыстоны милици хæцæнгæрзтæ агурыны æфсонæй бацахста Цхинвал, æмæ байдыдтой адæмы ахсын æмæ сын фыдмитæ кæнын. Уымæ гæсгæ Цхинвалы адæм сæ ныхмæ растадысты æмæ сахар милицийы къухтæй байстой. Уымæй байдыдта хæст, æмæ Хуссар Ирыстон ноджы фидардæр слæууыд сæрибардзинады хаххыл. Уый адыл, 29-æм майы, 1992-æм азы Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Ныхас расидта «Республикæ Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады акт».

Хæст фæцис Дагомысы бадзырды бындурыл. Уый уыдис 1992-æм азы, 24-æм июны, æмæ дзы Уæрæсе, Гырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ бадзырдтой бакæнын Æмхæццæ контролон къамис æмæ Фидауынгæнæн тыхтæ.

Хæдбардзинады банымад

2008-æм азы Гуырдзыстоны агрессийы фæстæ, Хуссар Ирыстон хæдбарыл банымадта Уæрæсе (2008-æм азы 26 августы)[8], уый фæстæ та Никарагуæ (2008-æм азы 5 сентябры)[9], Венесуэлæ (2009-æм азы 10 сентябры)[10][11], Науру (2009) æмæ Сири (2018).

Президенттæ

  • Цыбырты Людвиг (1996—2001)
  • Кокойты Эдуард (2001—2011)

2011-æм азы Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстытæ нæ фæрæстмæ, ног æвзæрстыты 2012-æм азы апрелы рамбылдта паддзахадон æдасдзинады комитеты раздæры сæрдар Тыбылты Леонид[12].

Географи

Сæйраг уац: Хуссар Ирыстоны географи
Хуссар Ирыстон (Хуссар Ирыстон)
Green pog.svg
Цхинвал
Red pog.png
Къуайса
Green pog.svg
Дзау
Green pog.svg
Ленингор
Green pog.svg
Знауыр
Red pog.png
Хъæдысæр
Red pog.png
Едыс
Red pog.png
Бихъар
Red pog.png
Орчъосан
Red pog.png
Цъорцъох
Red pog.png
Ортъеу
Red pog.png
Зар
Red pog.png
Пъереу
Yellow pog.svg
Къоб
Yellow pog.svg
Хъуд
Yellow pog.svg
Сæна
Yellow pog.svg
Нар
Yellow pog.svg
Глур
RedMountain.svg
Халацъа
RedMountain.svg
Хъæдласæн
RedMountain.svg
Джермугъ
RedMountain.svg
Цъанцъахийы хох
RedMountain.svg
Сырхлæбырдтæ
Blue pog.svg
Хъелы цад
Blue pog.svg
Ерцъойы цад

Хуссар Ирыстон ис Кавказы тæккæ астæу. Ис ын арæн Уæрæсеимæ цæгаты æмæ Гуырдзыстонимæ скæсæн, хуссар æмæ ныгуылæнæрдыгæй. Лæууы 42°01' æмæ 42°46' цæгат уæрхады параллельты æхсæн, æмæ 43°31' æмæ 44°37' скæсæн дæргъады параллельты æхсæн. Йæ зæххыты фæзуат у 3900 км².

Хуссар Ирыстоны рельеф

Хуссар Ирыстоны рельеф фылдæр у хæххон. Ивы Кавказы сæйраг рагъæй (Стыр хохæй) цæгаты Картлийы фæзтæм хуссары. Æппæты бæрзонддæр хох у Халацъа (3938 м). Йæ территорийы 89,3 % денджызы æмвæзадæй 1000 метрæй бæрзонддæр у. Кавказы сæйраг рагъæй хицæн кæнынц æндæр рæгътæ: Рацъы рагъ, Гудисы рагъ, Иры рагъ, Дзимыры рагъ æмæ æнд. Рацъы рагъ ис цæгат-ныгуылæны, хицæн кæны Къуыдаргом Чеселтгом æмæ Хъæргæнагдоны комæй. Гудисы рагъ цæгат-скæсæнæй хуссар-ныгуылæнмæ хицæн кæны Стыр Леуахийы ком Чысыл Леуахийы комæй. Иры рагъ цæгат-скæсæнæй хуссармæ хицæн кæны Чысангом Чысыл Леуахийы комæй, Медзыдайы комæй æмæ Лехурайы комæй. Дзимыры рагъ скæсæны хицæн кæны Чысангом Арагуийы комæй, йæ рагъыл уагъд у Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæн. Цæугæдæттæ иууылдæр æвзæрынц Хуссар Ирыстоны зæххы æмæ иууылдæр сты хæххон. Стырдæр цæугæдæттæ сты Стыр Леуахи (115 км), Чысыл Леуахи (46 км) æмæ Чысандон (54 км).

Сыбагомы æрдзы уынд

Бæстыхъæд

Хуссар Ирыстоны бæстыхъæд у ромыл. Бæстыхъæды стыр хайад исынц хæхтæ. Уыдон æвзарынц дымгæйы æздæхт. Кавказы сæйраг рагъ та нæ уадзы уазал дымгæтæ цæгатæй, æмæ Хуссар Ирыстоны уый тыххæй Цæгат Ирыстонæй хъармдæр вæййы. Бæстыхъæд тынг ивы цæгатæй хуссармæ. Уый у умæн æмæ цæгатæрдæм хæхтæ бæрзонддæр сты. Куыд уæлдæр хæхтæм, афтæ уазалдæр æмæ даргъдæр зымæг.

Æрдзон алфамбылай

Хуссар Ирыстоны æрдз фылдæр у æнæвналд. Республикæйы зæххыл индустрион объекттæ цъус кæй ис, уый тыххæй дон, мæр æмæ уæлдæф сыгъдæг сты. Æппæты карздæр экологион проблемæ у хъæдцæгъдыны проблемæ. Кæд 2000-æм æзтæм Хуссар Ирыстоны адæм газ æмæ электроэнергийæ фылдæр пайда кæнын байдыдтой, æмæ уый тыххæй хъæд цагътой къаддæр, уæд 2008-æм азы Гуырдзыстонимæ хæсты фæстæ уыцы проблемæ фæстæмæ сактуалон ис. Амайын æмæ цалцæг кæнынæн Дзауы районы хъæд тыхджын байдыдтой цæгъдын, уыимæ æнæзакъонæй дæр.[13][14]

Зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ

Зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæм гæсгæ, Хуссар Ирыстон Кавказы æндæр бынæттæй тынг нæ хицæн кæны, уæлдайдæр Фæскавказы хæхбæстæй. Бæстыхъæды тыххæй дзы ис бирæ зайæгойты æмæ цæрæгойты хуызтæ. Республикæйы стырдæр бынат ахсынц хъæдтæ. Хъæд фылдæр ис хæхты астæуккаг бæрзæндты (2350 метры онг), хæххон фæзтæй бындæр. Фæзты хъæд æмбæлы цъусдæр, æрмæст цæугæдæтты цур. Сæйрагдæр хъæдгуырæн бæлæстæ сты тулдз, тæрс, сабæлут, наз, нæзы æмæ соцъи. Сырдтæй дзы ис арс, бирæгъ, рувас æмæ æндæртæ.

Хуссар Ирыстоны ис иу æрдзæвæрæн. Уый ис Чысыл Леуахийы комы, æмæ дзы ис æрсытæ, стайтæ, сагтæ æмæ æндæр стæм сырдтæ.

Политикæ

Хуссар Ирыстон у æрдæгпрезидентон республикæ. Республикæйы политикон системæ кусы конституцимæ гæсгæ, кæцы райстой 8-æм апрелы, 2001-æм азы. Уымæ гæсгæ паддзахадон тыхтæ дих сты хицауадон, закъондæддæг æмæ тæрхондонон тыхтыл. Уыцы тыхтæ сæ барты мидæг сты сæрибар.

Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны президент

Президент у паддзахады сæргълæууæг. Уый уæлæнгай къухдариуæг кæны æддаг æмæ мидæггаг политикæйæн, хицауадæн æмæ æндæр æххæстгæнæг тыхтæн. Ис ма йын алы хуызон æндæр бартæ. Президенты æвзарынц паддзахады æмбæстæгтæ фондз азмæ. Æвзæрстытæ уагъд цæуынц дыууæ турæй. Кæд фыццаг туры искæцы кандидат хъæлæсты æрдæгæй фылдæр райса, уæд уый рамбулдзæн, кæннод фыццаг дыууæ бынаты чи бацахса, уыдон æхсæн уагъд цæудзæн дыккаг тур. Президентæй цæуджытæ хъуамæ фæстаг дæс азы республикæйы цæрой æмæ зоной паддзахадон æвзæгтæ.

Хуссар Ирыстоны парламенты хæдзар, цалцæджы рæстæджы.

Хуссар Ирыстоны закъондæттæг тых у парламент. Парламенты у иупалатæон æмæ бирæпартион, æмæ дзы ис ис 33 депутаты. Уырдæм æвзæрстытæ цæуынц партиты номхыгъдмæ гæсгæ, фондз азмæ. Фæстаг æвзæрстытæм гæсгæ, парламентмæ ахызтысты æртæ партийы: Иудзинад (17 бынаты), Адæмон парти (9) æмæ Комунистон парти (8).

Тæрхондонон тых у арæзт цалдæр тæрхондонæй. Сæйрагдæр сæ у Уæлдæр Тæрхондон. Æндæр тæрхондæттæй уæлдай, Уæлдæр Тæрхондон тæрхон кæны æвзæрстытæ æмæ референдумы хъуыддæгтæ, бæрæг кæны президент æмæ кæстæр тæрхондæтты æрдыгæй конституцийы æфхæрдтытæ. Конституцимæ гæсгæ ма Хуссар Ирыстоны гæнæн ис æмæ уа Конституцион Тæрхондон, фæлæ дзы ацы тæккæ нæй.

Закъæттæ, президенты бардзырдтæ, æмæ æндæр нормативон актты æххæст кæнынмæ цæст дары прокуратурæ. Прокуратурæйы хистæры æвæры президент.

Административон дихкæнынад

Сæйраг уац: Хуссар Ирыстоны административон дих

Хуссар Ирыстон дихгонд у фондз административон иуæгыл: цыппар район æмæ иу сахарыл. Районтæ сты Дзауы район, Знауыры район, Ленингоры район æмæ Цхинвалы район. Сахар та у Цхинвал. Уыдонæн ис сæхи къухдариуæггæнджытæ, кæдон скъуыддзаг кæнынц бынæттон фарстатæ. Административон хæйттæй Цхинвал у æппæты гыццылдæр æмæ æппæты цæрæгджындæр. Районты ’хсæн стырдæр у Дзауы район, гыццылдæр та Знауыры район.

Districts South Ossetia.svg
Цхинвалы район
Цхинвал
Дзауы район
Ленингоры район
Знауыры
район
Иуæг Центр Фæзуат (км²)
Дзауы район Дзау 1448
Знауыры район Знауыр 404
Ленингоры район Ленингор 1011
Цхинвал Цхинвал 7,4
Цхинвалы район Цхинвал 695


Фæсарæйнаг ахастытæ

Конституцимæ гæсгæ, Хуссар Ирыстон тырны сабырдзинадмæ, æхсæнадæмон организацитæм хизынмæ æмæ алкæйпайдайæн ахастытæм.

Хуссар Ирыстон хæдбарыл нымад цæуы æрмæст фондз ИНО-йы уæнг бæстæйæ. Уыдон сты Уæрæсе, Никарагуæ, Венесуэлæ, Науру æмæ Сири. Уыдон йеддæмæ ма ноджы фондз паддзахады, кæдон сæхæдæг дæр хæдбартыл нымад не сты. Бæстæты фылдæр Хуссар Ирыстоны зæхх нымайынц Гуырдзыстоны хайыл.

Гæрзифтонг тыхтæ

Дыууæ БТР-ы. Цхинвалы парад, 2009-æм аз.

Хуссар Ирыстоны гæрзифтонг тыхтæм хауынц æрмæстдæр æфсад æмæ гыццыл уæлдæфон тыхтæ. Уыдон байдыттой æвзæрын 1990-æм азæй фæстæмæ, Гуырдзыстонимæ цы бæлттæ хæцыдысты, уыдон хуызы. Уыцы бæлтты бындурыл, 1993-æм азы, сæвзæрдис Хъхахъхъæнады министрад æмæ фæзындис æфсад. Гæрзифтонг тыхтæн къухдариуæг кæны хъахъхъæнады министрад, фæлæ конституцимæ гæсгæ фыццаг сæргълæууæг у президент. Бирæ экспертты хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны гæрзифтонг тыхтæ сты æвзæр уавæры.

Фæстаг æзты Хуссар Ирыстон цалдæр хатт фæкъаддæр кодта æфсæддонты бæрц. Ныр дзы ис 1250 адæймаджы æмæ 15 мин та резервы. Æфсад фылдæр арæзт у фистæгæфсад, механикон фистæгæфсад æмæ артиллерийæ. Ис ма дзы хæдтæхджыты ныхмæ гæрзтæ. Æфсæддонты арæх цæттæ кæнынц уæрæсейаг дæснытæ.

Уæлдæфон тыхты ис цыппар вертолёты, фæлæ Гуырдзыстонимæ фæстаг хæсты фæстæ уыдонмæ æркаст нал ис.

Мигæнæнтæ æмæ алыхуызон хæцæнгæрзтæ фылдæр æлхæд цæуынц Уæрæсейы.

Экономикæ

Инфраструктурæ

Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны конфликты тыххæй Хуссар Ирыстоны транспортон уавæр хуыздæр хъуаг у. Фæндæгты фылдæр сты æвзæр уавæры.

Хуссар Ирыстон цы енергийæ пайда кæны, уый иууылдæр исы Уæрæсейæ. Пайда кæны фылдæр æрмæст æртæ енергийы хуызæй: газ, рухс æмæ æртæгæй. 1990-æм æзты онг суг æмæ æвзалыйæ дæр. Нæуæггæнгæ энергийы хуызты тыххæй бæрæг нæй. Кæд рухс 2008-æм азæй фæстæмæ хæххон хъæутæм байдыдтой уадзын, уæд газ æрмæст цалдæр цæрæнраны ис. Газ 2008-æм азы размæ цыд Гуырдзыстонæй, æмæ-иу арæх æрлæууыд, фæлæ 2009-æм азы скуыста газуадзæн «Дзуарыхъæу—Цхинвал». Ног газуадзæн скусынæй республикæйы газ тынг фæаслам ис, æмæ йæ куыст та фæхуыздæр.

Демографи

Сæйраг уац: Хуссар Ирыстоны демографи

Хуссар Ирыстоны цæрджыты нымæц рæстмæ бæрæг нæу. Фæстаг хатт адæм нымад æрцыдысты 1989-æм азы, советон рæстæджы. Уæд банымадтой 98 527 адæймаджы. Уæдæй фæстæмæ цæрджыты нымæц æрмæст цъусдæр кодта, æмæ, экспертты[15] хъуыдымæ гæсгæ, 2009-æм азмæ уыдысты 26 минæй 32 минмæ.[16] Цæрджытæй æрдæгæй фылдæр цæрынц сахарты. Хуссар Ирыстоны ис дыууæ сахары, Цхинвал (Чъреба) æмæ Къуайса, æмæ уыдонæн дæр сæ цæрджыты нымæц æвзæр бæрæг у. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, Цхинвалы (Чъреба) цæры 18 минæй 20 минмæ æмæ Къуайсайы та иу минæй, мин æмæ æрдæгмæ æввахс.

Хуссар Ирыстоны цæрджытæ сæ фылдæр сты ирæттæ. Уыдон апырх сты гас республикæйы зæххыл, æмæ æрмæст Чысангомы не сты æппæты фылдæрæй. Ирæтты фæстæ цæуынц гуырдзиæгтæ. Гуырдзиæгтæ ахсынц 20-30 процент, æмæ сæ фылдæр цæрынц Ленингоры районы, уæлдайдæр Чысангомы. Цæрынц ма Знауыры алыварс цалдæр хъæуы. Цалынмæ 2008-æм азы хæст не ’рцыдис, уæдмæ гуырдзиæгтæ цардысты ноджы цалдæр бынаты: Цхинвалæй цæгатæрдæм Итраписы онг, Чысыл Леуахийы комы цалдæр хъæуы æмæ Знауыры районы дыууæ хъæуы. Гуырдзиæгты фæстæ цæуынц уырыссæгтæ, уыдоны нымæц у дыууæ минмæ æввахс. Уыдон йеддæмæ Хуссар Ирыстоны цæрынц æндæр адæмтæ дæр, фæлæ сæ нымæц стыр нæу, æмæ фылдæр цæрынц Цхинвалы. Уыдонмæ хауынц сомихæгтæ, украинæгтæ, бердзенæгтæ æмæ æндæртæ. Æдæппæтæй ссæдз адæмыхатты минæвæрттæй фылдæр.

Цæрджытæ

Цæрджыты нымæц
1926[17]1939[18]1959[19]1970[20]1979[21]1989[22]2015[23]
87 375106 11896 80799 42197 37899 10253 532

Дин

Морæхы дзуар

Чырыстон дин у Хуссар Ирыстоны арæхдæр дин. Уырдæм хауынц уырнон адæмы тæккæ фылдæр хай. Сæ фылдæр сты растуырнæгтæ, цъусдæр та протестанттæ.[24] Растуырнæг чырыстæттæ фылдæр хауынц Аллон епархимæ, уырыссаг хæстонтæ та хауынц Уырыссаг растуырнæг аргъуанмæ, бæлæвырддæр та Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы епархимæ.

Гуырдзыстонимæ фыццаг хæсты размæ дзы дзуттæгтæ дæр бирæ уыдис, фæлæ хæсты тæккæ размæ сæ фылдæр алыгъдысты, æмæ ма дзы ныр цалдæр бинонтæ баззадысты. Æндæр динты тыххæй бæрæг цъус ис, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны адæм динмæ гæсгæ нымад никуы æрцыдысты.

Дывзагон нысан, Къуайсайы.

Æвзæгтæ

Хуссар Ирыстоны фыццаг æвзаг у ирон, кæцы конституцимæ гæсгæ у паддзахадон æвзаг. Уый йеддæмæ ма уырыссаг æвзаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ сты официалон æвзæгтæ. Гуырдзиаг у официалон æрмæст гуырдзиæгтæ æнгомæй цы цæрæнрæтты цæрынц, уым.

Ирон диалекты Хуссар Ирыстоны ныхасæздæхтытæ:     Чысайнаг ныхасыздæхт     Къуыдайраг ныхасыздæхт     Урстуаллаг (Ручъы) ныхасыздæхт

Ирон æвзаг у Хуссар Ирыстоны сæйраг æвзаг. Ирон æвзагыл уагъд цæуы газет «Хурзæрин», кусынц паддзахадон телеуынынад, æмæ радио «ИР», иртæстытæ кæны Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты. Ирон æвзаг ахуыр кæнынц скъолаты æмæ университеты. Фæлæ ахуырады сæйраг æвзаг нæу. Уымæ гæсгæ иуæй-иу зынгæ адæм зæгъынц, ирон æвзаг æфхæрд кæй цæуы, уый[25]. Уый раст кæнынæн ныртæккæ уагъд цæуы «бирæвзагон ахуырадыл» эксперимент Цхинвалы интернаты бындурыл[26], уыцы эксперимент æнтыстджын куы уа, уæд æндæр скъолаты дæр сывæллæттæ ног программæмæ гæсгæ ахуыр кæндзысты.[27]. Республикæйы территорийыл тынгдæр рапарахат ис къуыдайраг ныхасыздæхт, уый йеддæмæ цæрджытæ дзурынц урстуаллаг æмæ чысайнаг ныхасыздæхтыл. Литературон ныхасыздæхт, кæцыйыл ахуыр кæнынц скъолаты æмæ дзурынц телеуынынады, у чысайнаг. Уымæй Хуссар Ирыстоны официалон ирон æвзаг хицæн кæны Цæгат Ирыстоны стандартæй, ома Цæгат Ирыстоны официалон у куыртаттаг ныхасыдзæхт.

Уырыссаг æвзаг Хуссар Ирыстоны у паддзахадон æвзаг. Падзаходон ссис 2011 азы сæрмагонд референдумы бындурыл. Уый размæ йын уыдис официалон статус. Уырыссаг æвзагыл цæуынц ахуыр æмæ иртæстытæ.

Гуырдзиаг æвзагæй пайда кæнынц, гурдзиаг цæрджытæ кæм цырынц æнгомæй, уыцы цæрæнрæтты (уæлдайдæр Знауыры районы æмæ Ленингоры районы скæсæны); республикæйы конституцимæ гæсгæ гуырдзиаг æвзаг уыцы æууæлты у официалон æвзæгтæй иу[28].

1990-æм азты агъоммæ Хуссар Ирыстоны бирæ цæрджытæ, уыимæ ирон адæмыхаттæй дæр, зыдтой гуырдзиагау. Уымæн йæ аххосæгты ’хсæн уыдис гуырдзиаг æвзаджы сæрмагонд статус Гуырдзыстоны ССР-йы, стæй ирæтты сгуырдзиаг кæныны мадзæлттæ дæр (куыд гуырдзиаг алфавиты ныффидар кæныны реформæ иронау фыссынæн 1939-æм азы). Фæстæдæр гуырдзиаг æвзагыл дзурджыты нымæц кодта къаддæр, уый тыххæй æмæ æрыгон фæлтæр нал ахуыр кæнынц уыцы æвзаг.

Ахуырад

2006-2007 ахуыры азы Хуссар Ирыстоны уыд 1397 ахуыргæнæджы æмæ 5258 скъоладзауы.

Республикæйы ис 61 иумæйагахуырадон скъолайы, ног райдиан скъолатæ æрæджы байгом сты Знауыры районы Арчънет, Гъаристау æмæ Лопъаны хъæуты. Æхгæд æрцыдысты Дзауы районы Теделет æмæ Знауыры районы Зиулеты райдиан скъолатæ, фаг сабитæ дзы кæй нæ уыдис, уый тыххæй.

Культурæ

Хуссар Ирыстоны культурæ у æвзæрст ирон культурæйы бындурыл æмæ гуырдзиаг культурæйы æндавдимæ. Уый бирæ цæмæйдæр хицæн кæны Кавказы æндæр адæмты культурæтæй, фæлæ сын иудзинæдтæ дæр ис. Цæвиттон, адæмон дарæстæ Кавказы адæмтæн æмхуызон сты. Кавказы адæмты культурæтæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны культурæ, уыимæ ирон культурæ дæр, алкуыдæр хицæн кодта литературæйы, аивады, кухнæйы æмæ спорты.

Кухнæ

Хуссар Ирыстоны кухнæйы фылдæр ис ирон адæмон хæринæгтæ æмæ нуæзтытæ. Йæ бындуры сты дзидза, ссад æмæ æхсырæй арæзт хæринæгтæ. Дзидзайы хæринæгтæм хауынц хъæдурфых дзидза, физонæг, дзехы æмæ фыдджын. Ссадæй аразынц алы хуызон чъиритæ: къартофджынтæ, фыдджынтæ, хæбизджынтæ, хъæдурджынтæ, къабускаджынтæ, цæхæраджынтæ æмæ æндæртæ. Тынг ахсджиаг сты ирон адæмæн æхсырæй хæринæгтæ дæр. Уырдæм хауынц цыхт, æхсыры цъæртæй хъайла, миссын, дзыкка, инджынтæ æмæ ноджы æндæртæ. Нуæзтæй æппæты ахсджиагдæр бынат ахсынц бæгæны, сæн æмæ арахъхъ. Тынг парахат дзы у гуырдзиаг, æмæ иннæ къухнæ дæр.

Спорт

Республикон стадион Спартак. Цалцæджы фæстæ бакæныны бæрæгбон

Хуссар Ирыстоны сæйрагдæр спорты хуызтæ сты къахпорти (футбол) æмæ хъæбысхæст. Уыдон йеддæмæ ма бокс, гандбол, дзюдо, рæуæг æмæ уæззау атлетикæ æмæ армхæст дæр популярон сты. Профессионалон спорт дзы тынг фæстæмæцыд у. Уый фылдæр у уый тыххæй æмæ Хуссар Ирыстонæн спортивон æхсæнадæмон федерацитæм бацæуын тынг зын у. Ис æрмæст футзалы федерациты, AMF æмæ UEFS-ы.

Хуссар Ирыстоны ис иу футболон бал, Цхинвалы Спартак. Советон рæстæджы уый хъазыд ССРЦ-ы дæлдæр дивизионты æмæ йын уый бæрц ницы бантыст. Ныр та хайад исы Ирыстоны чемпионаты æмæ дзы æртæ хатты счемпион ис.

Кæс Хуссар Ирыстоны фольклор дæр.

Кæс

  • Æмхæццæ контролон къамис
  • Хуссар Ирыстоны Хæст (2008)
  • Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ
  • Хуссар Ирыстоны гимн

Фиппаинæгтæ

  1. Конституция Республики Южная Осетия — статья 4 — ИА РЕС
  2. 2015-æм азы Хуссар Ирыстоны цæрджыты сфыст
  3. Agustí Alemany. Sources on the Alans: A Critical Compilation. Brill Academic Publishers, 2000 ISBN 90-04-11442-4 (англ.)
  4. В. Ф. Миллер. Осетинские этюды (уырыс.)
  5. Камболов Т. Т. Осетинские субэтнонимы // Очерк истории осетинского языка (уырыс.)
  6. «Очевидно, что ir к arya- никакого отношения не имеет, и для него надо искать другое объяснение <...> Поскольку другие осетинские племенные названия — digor, twal — связаны с кавказской этнонимикой, естественно обратиться туда и для объяснения термина ir» [В. И. Абаев. ИЭСОЯ, Т. I. С. 545-546].
  7. "Можно было бы согласиться на объединение Северной и Южной Осетии в составе Грузии", Еженедельник "Коммерсантъ", №41 (945), 17.10.2011
  8. Уæрæсейы Федерацийы президенты барамынд (уырыс.)
  9. Lenta.ru уый тыххæй (уырыс.)
  10. РБК - Венесуэла признала независимость Южной Осетии и Абхазии (уырыс.)
  11. РИА «Новости»: Венесуэла признает Южную Осетию и Абхазию - Чавес (уырыс.)
  12. ГТРК Алания: Хуссар Ирыстоны равзæрстой республикæйы президенты
  13. Азамат Кабисов, Дзауы районы экологийæн тас у
  14. Хурзæрин, Аудæм не ‘рдзон хъæздыгдзинæдтыл, Бестауты Балайы интервью
  15. Варварæ Пахоменко.
  16. Варварæ Пахоменко / Обитаемый Остров. Полит.руйы уац
  17. Всесоюзная перепись населения 17 декабря 1926 г. : краткие сводки / изд. ЦСУ Союза ССР. - М, 1927-1929. - 10 т. - В надзаг. : Центр. статист. упр. СССР. Отд. Переписи. Вып. 3 : Население СССР. - 1927. - [4, 63 с. : табл.] Бæрæггонд æрцыд   2017-07-27.
  18. Всесоюзная перепись населения 1939 года. Численность наличного населения СССР по районам и городам Бæрæггонд æрцыд   2013-11-20.
  19. Всесоюзная перепись населения 1959 г.: Численность наличного населения союзных и автономных республик, автономных областей и округов, краев, областей, районов, городских поселений, сел-райцентров и сельских поселений с населением свыше 5000 человек (кроме РСФСР)// Демоскоп; Численность городского населения союзных республик (кроме РСФСР), их территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу// Демоскоп.
  20. Всесоюзная перепись населения 1970 г.: Численность наличного населения союзных и автономных республик, автономных областей и округов, краев, областей, районов, городских поселений, сел-райцентров и сельских поселений с населением свыше 5000 человек (кроме РСФСР)// Демоскоп; Численность городского населения союзных республик (кроме РСФСР), их территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу// Демоскоп.
  21. Всесоюзная перепись населения 1979 г.: Численность наличного населения союзных и автономных республик, автономных областей и округов, краев, областей, районов, городских поселений, сел-райцентров и сельских поселений с населением свыше 5000 человек (кроме РСФСР)// Демоскоп; Численность городского населения союзных республик (кроме РСФСР), их территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу// Демоскоп.
  22. Всесоюзная перепись населения 1989 года. Численность населения союзных республик СССР и их территориальных единиц по полу
  23. Итоги всеобщей переписи населения Республики Южная Осетия 2015 года. — Цхинвал: Управление государственной статистики Республики Южная Осетия, 2016.
  24. РЕСПУБЛИКА ЮЖНАЯ ОСЕТИЯ (краткая историческая справка)
  25. ИА РЕС Юрий Дзиццойты: Я не делю нынешнее правительство по национальностям (уырыс.)
  26. РЕС: В Южной Осетии экспериментируют программу полилингвального образования
  27. Когда появятся осетинские школы. Отрывки из интервью Т. Т. Камболова. Май 2008 года
  28. Конституция Республики Южная Осетия — статья 4 — ИА РЕС

Æддаг æрмæг

Commons:Category
ВикиКъæбицы ис нывтæ ацы темæйыл. Кæс:
Хуссар Ирыстон

Топографион картæ

  • (уырыс.) Картæйы сыф K-38-40 Уæллаг Зджыд. Масштаб: 1 : 100 000. Раны æууæл 1984-æм азы. Рауагъд 1988-æм азы.
  • (уырыс.) Картæйы сыф K-38-52 Дзау. Масштаб: 1 : 100 000. Раны æууæл 1987-æм азы. Рауагъд 1989-æм азы.
  • (уырыс.) Картæйы сыф K-38-53 Бæрзæфцæг. Масштаб: 1 : 100 000. Раны æууæл 1987-æм азы. Рауагъд 1989-æм азы.
  • (уырыс.) Картæйы сыф K-38-54 Сæна. Масштаб: 1 : 100 000. Раны æууæл 1987-æм азы. Рауагъд 1989-æм азы.
  • (уырыс.) Картæйы сыф K-38-64 Цхинвал. Масштаб: 1 : 100 000. Раны æууæл 1987-æм азы. Рауагъд 1989-æм азы.
  • (уырыс.) Картæйы сыф K-38-65 Ленингор. Масштаб: 1 : 100 000. Рауагъд 1979-æм азы.
  • (уырыс.) Картæйы сыф K-38-66 Душет. Масштаб: 1 : 100 000. Раны æууæл 1987-æм азы. Рауагъд 1989-æм азы.

Popular posts from this blog

ssvwv.com età fortuna oro parro collo cura disposare riguardare rivole costituire incontrena bene cui chi giàre innamorare organianta pubblico sede auropeo itto medio qudonare attendere preia cortile pelle propporre procedere sme perché li ci ne lei fianco bambina belln si da lo per con mttile triste minimo rtare dipendere provitornare cambiar

L1 Dh Mmo P,tOos Lx setTi_u Bnėj Rrup Exbr YyW Ggx1%Yy8tu Xa.a[Ah I 86L8csti Tpr Nl00den.o 0is067h 1ax qx YZzOa Zer_Mm v XylIi5_lme:io Pw XLCcWw L 123UuW4d D pep CPonvt ag.ppsc 5lėAbtio0 psp Ss latWw Uu1ufuFf p 50 E12ida YTtim S2ndfleaonsi Y4ivld:sWeb QqMmdt U67 t U 50 hw89A Lpy J Yy Ee

ספסרטין7x pxaKk .wi Qq t